Украинæйы гарзджын тыхты  сæйрагкамандыгæнæг – Курскы  зылды дыууæ километры онг размæ  анцадыстæм,  уацары скодтам 100-йæ  фылдæр уырыссаг æфсæддоны
Украинæйы гарзджын тыхты сæйрагкамандыгæнæг – Курскы зылды дыууæ километры онг размæ анцадыстæм, уацары скодтам 100-йæ фылдæр уырыссаг æфсæддоны

Къурскы зылды  дыууæ километры онг  размæ  анцадыстæм.   Уацары скодтам 100-йæ фылдæр  уырыссаг  æфсæддоны, –  уый фæдыл  Украинæйы  гарзджын тыхты   сæйрагкамандыгæнæг   Александр  Сырский   Украинæйы  президент, Володимир Зеленскиимæ   ныхасы рæстæджы райхуъсын кодта.

Афтæма йæ дзырдæй,  зæгъгæ  цæрæн ран Суджайы,  знаджы  агуырд-скуынæг  ныридæгæн фæцис.

«Абон æфсæддæ  Курскы зылды   бæрæг   æрдæмадтæй  размæ  анцадысты, 1-2   килиметры онг.   Знаджы нодж  100  æфæддоны   уацары скодтам.  Цæрæн пункт Судажйы   знаджы агуырд-скуынæг ныридæгæн  фестæм», –   банысан кодта Сырский.

Йæхи æрдгæй  Володимир Зеленски   социалон хызагы Александр Сырскиимæ ныхасы  фæдыл  ныффыста.

«Мах размæ фæцæуæм  Курскы зылды, абон  ноджы дыууæ километры онг   анцадыстæм  æндæр æмæ æндæр районты.   Ацы  периоды  дæргъы  100-йæ  фылдæр   уырыссаг æфсæддоны  бацахстам уацары.   Арфæгæнæг дæн  алкæмæн, чидæриддæр ацы  хъуыддаджы райста хайад.  Уый  фæтагъд кæндзæн нæ лæппуты  æмæ чызджыты хæдзæрттæм æрыздæхт.  Нæ  рох кæнæм нæ хурыскæсæны фронт.   Бахæс кодтон  сæйрагкамандынгæнæгæн ацы æрдгæй  фæтынг кæнын», –  фыссы Зеленски.