«Украинæйы авиахаххыты» хæдтæхæг Тбилисы аэропорты аварионæй æрбадт
«Украинæйы авиахаххыты» хæдтæхæг Тбилисы аэропорты аварионæй æрбадт

Киев-Тбилисы  хæдтæхæг  аварионæй æрбадт.

Фыццаг Каналæн  Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты куыд фехъусын кодтой афтæмæй,    æнхъæлц æфсон уыд  уромæн системæйы  техникон проблемæ.

Афтæдæр сæ информацийæ,    Тбилисы  æхсæнадæмон   аэропорты  мобилизацигонд уыд ирвæзынгæнæг къорд, фæлæ  «Украинæйы авиахаххыты»  сæрмагонд хæдтæхæгыл уæвæг бæлцæттæн æмæ экипажы уæнгтæн   ирвæзынгæнджыты æххуыс  нæ бахъуыд.

Ацы минутты  хæдтæхæг сгарынц,  цæй фæстæдæр    фæбæрæг уыдзæн   сæххæст кæндзæн æви нæ  «Украинæйы авиахаххыты» фæнысангонд  лайнер  Тбилис-Киевы рейсы.