Трабзоны аэропорты Pegasus Airlines-ы хæдтæхæг аварион æрбадт сыххæст кодта [фото/видео]

Трабзоны   аэропорты авиакомпани  Pegasus Airlines –ы бæлццонон   хæдхæтæхæг  стæхæн хаххæй ахызт  æмæ  аварион æрбадт сæххæст кодта.

Хæдтæхæджы  бадтысты  162 бæлццон, 2 пилот æмæ   экипажы  4 уæнгы. Æртæ адæймагы рог цæфтæй  фæхæццæ кодтой    рынчындонмæ.

Бæлццæтты  цардмæ тас  не ртхъирæн кæны.

Ахæлиугонд информацийæ,  инциденты рæстæджы  Трабзоны æрбадтис мигъ æмæ  уарыд къæвда.