Украинæйаг дронтæ бабырстой Цæгат Ирыстонмæ, бырон сæмбæлд Беслæны цæрæн хæдзарыл, эвакуацигонд æрцыдысты 70 адæймагы
Украинæйаг дронтæ бабырстой Цæгат Ирыстонмæ, бырон сæмбæлд Беслæны цæрæн хæдзарыл, эвакуацигонд æрцыдысты 70 адæймагы

18-æм январы æхсæвы украинаг дронтæ бабырст сыххæст кодтой Беслæныл. Дронтæй иуы бырон æрхауд фондзуæладзыгон цæрæн хæдзары сæрыл.

Информаци парахат кæны  Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло. 70 адæймагы сæ хæдзæрттæй ракодтой. Иу æмбæстагæн бахъуыд медицинон æххуыс. Фондзуæладзыгон бæстыхайы сæр æмæ рудзгуытæ бахъыгдард сты.

Рæстæгмæ арæнæвæрдтæ снысан кодтой Владикавказы  аэропорты, афтæ дæр Грознойы æмæ Магасы аэропортты.

Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, æхсæвы Цæгат Ирыстоны уæлдæфон тыгъдады кæй æрæппæрстой æхсæз дроны. Уагдоны информацийæ, æхсæвы мидæг Уæрæсейы регионты æнæхъæнæй 63 украинаг дроны æрыппæрстой  кодтой.