Украинæ нæ нымайы бастдзинад Уæрæсейы тырысаимæ нау «Мидволга 2»-мæ бабырстмæ
Украинæ нæ нымайы бастдзинад Уæрæсейы тырысаимæ нау «Мидволга 2»-мæ бабырстмæ

Украинæйы æттаг хъуыдтæгты министрад нæ нымайы, цæмæй Сау Денджызы Уæрæсейы тырысаимæ наумæ дронтæй бабырст æрцыд.

Украинæйы æттаг хъуыдтæгты министрады официалон минæвар социалон хызæг X-ы куыд ныффыста, афтæмæй «Украинæйæн ацы цауимæ ницы бар ис».

«Мах официалонæй нæ райсæм ахæм фидиуæнтæ уырыссаг пропагандæйæ.Уыимæ ма, æнхъæлмæкæсинаг маршрут Уæрæсейæ Гуырдзыстонмæ, Туркы экономикон зонæйы уылты, æнæнысаниуæгджын у æмæ дзурæг у ууыл, цæмæй алцыппæт уыд организгонд Уæрæсейы æрдыгæй» – фыссы Украинæйы æттаг хъуыдтæгты министрады официалон минæвар.

Уæ информацийæн, туркаг фарс абон ахæлиу кодта информаци, цæмæй Уæрæсейæ Гуырдзыстонмæ хурæхсæны сой ласгæйæ, Уæрæсейы тырысаимæ танкермæ бабырст сырæзт. Сæ ныхæстæм гæсгæ, бабырсты «камикадзе дрон» уыд баст.

Уымæй  уæлдай ма,  Гуырдзыстоны денджызон  транспорты  агентад фарстайы фæдыл  расидæн рапарахат кодта, кæцымæ гæсгæйæ,  информаци, цæмæй  Уæрæсейы  тырысаимæ  нау «Мидволга 2» цыд Гуырдзыстоны  денджызон  портмæ, исты фактыл бындурæвæрд нæу.