Украинæ, ИНО-йæн бавдисдзæн бæлвырдгæнæнтæ, Уæрæсе терроризмы кæй финанс кæны уый фæдыл
Украинæ 12 июны ИНО-йы æхсæнаæдмон тæрхондонмæ, Уæрæсейы æрдгæй терроризмы финансдзинады бæлвырдгæнæнтæ бавдисдзæн.
Социалон хызаг «Фейсбукы» Украинæйы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивг, Лана Зеркаль куыд райхъусын кодта афтæмæй, Украинæ тæрхондонмæ бахæсдзæн Уæрæсейы æрдгæй терроиризмы финансдзинады ныхмæ хæцыны æхсæнадæмон конвенцийы халындзинад фæдыл меморандум..
«Уæрæсейы Федерацийы гарзджын тыхты 53-аг зенитон-ракетон бригадæйы æрдгæй «БУК»-ы транспортаци, кæцыйæ дæр æрыппæрстой малайзиаг хæдтæхæг МН17, у комкоммæ бæлвырдгæнæн уыйы цæмæй Уæрæсе сæ сифтонг кодта уыцы хцæнгарзæй, кæцыйæ дæр гражданон хæдтæхæг æрыппæрстой» – банысан кодта Зеркаль.
Украинаг дипломаты ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсе зæгъгæ йæ архæйдтытæй халы 1971 азы Монреалы конвенци æмæ терроризмы финансдзинады ныхмæ хæыны æхсæнадæмон конвенцийы.
Æхсæнадæмон эксперттæ абон рейс МН17-ы авиакатастрофæйы тыххæй пресс-конференци сарызтой, кæцы рæстæджы дæр райхъусын кодтой, цæмæй Малайзийы авиахаххыты сæрмагонд хæдтæхæг, уырыссаг гарзджын тыхтæ æрыппæрстой.
Куала-Лумпурæй Амстердаммæ тæхæг авиалайнерыл, рейсæй МН17, кæцыйы бортыл уыд 298 адæймаг, «БУК»-ы типы зенитон-ракетон комплексæй бакодтой арт. Хæдтæхæг цæрæн бынат Первомайскоейы алфамбылай территорийыл æрхаудта, кæцыйы кантрол кодтой сепаратистон тыхтæ.