Украинæ Францæн Пол Синьякы ныв æрыздæхта. Уый фæдыл информаци, публикацигонд æрцыд Украинæйы мидхъуыддæгты министрады официалон веб-фарсыл.
Ивады хуызагы алæвæрды церемонийыл Украинæйы Францы минæвар уыд. Изабель Дюмон украинаг барадхъахъхъæнджытæн бузныг загъта æмæ райхъусын кодта цæмæй Паризы Мады майрæмы аргъуаны зынгсирвæзты фæстæ, уый зæгъгæ Францæн стыр лæвар у.
Францаг неоимпресионист нывгæнæджы, Пол Синьякы ныв «Ла-Рошелы Порт»-æн 1,5 милуан америкаг долларæй скодтой аргъ. Аивады дæнцы фæд украинаг барадхъахъхъæнджытæ цалдæр мæйы размæ рабæрæг кодтой, къæрныхтæ нывы сау базарыл ауæй кæнын куы бацхъавыдысты.
Фæдæвзарæны фæстиуæгæн рабæрæг ис, цæмæй иуæй-иу гуырысхогонд, нывы давдимæ иумæ, номдзыд украинаг ювелиры марындзинадимæ дæр у баст. Йæ хæдзары джигулы рæвстæджы, полици нывимæ иумæ æхсæнгарз дæр ссардта.