Украианйы  хъахъхъæнынады  министрады  информацийæ,  проуырыссаг   тыхтæ бомбардировкæ кодтой    хурыскæсæн Украинайы  27 цæрæн пунктыл
Украианйы хъахъхъæнынады министрады информацийæ, проуырыссаг тыхтæ бомбардировкæ кодтой хурыскæсæн Украинайы 27 цæрæн пунктыл

Украинайы   хъахъхъæнынады  министрады информацийæ,   Уæрæсейы   оккупацион тыхтæ   хурыскæсæн  Украинай   34 хатт   фехæлдтой  æхсты фæурæды  фæдыл  бадзырд, уый  нымæцы  28 хатты  Минскы  бадзырдæй  тобæ  хæцæнгарзæй æхсгæйæ.  Министрады хъусинагæй, бомбæтæ  калдтой  27 цæрæн пунктыл,   зиангонд сты  бæстыхæйттæ  æмæ  коммуналон инфраструктурæ,  цæф сты  цыппар   адæймаг – дыууæ  хуымæтæг æмбæстаг æмæ  дыууæ та Украинайы  иугонд тыхты  æфсæддæттæ.   Министрады информацийæ,   æфсæддæтты уавæр хауы  астæуккаг уæззаумæ.

Министрады хъусын кæнынц, цæмæй  Уæрæсейы  æфсæддон формиргæндтæ,  артиллерион   хæцæнгарзæй   æхстой  цæрæн пункт Врубивкæйыæрдæм.   Украинайы  хъахъхъæнынады  уцагдоны  куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,   зиангонд у  скъолайы  бæстыхай, кæцыцы  бомбæппæрсты  рæстæджы уыдысы  ахуыргæнинæгтæю Афтæдæр базиан ис газдадзæн,  цæй тыххæй дæр   цæрджыты хайæн нæй  æрдзон газ.

Уыимæ министрады  бæрæггæнæнтæй,   проуырыссаг тыхтæ, уæззау  артиллерион   хæцæнгарзæй  æхстой  цæрæн пункт  Станица Луганскайы æрдæм, цы ран  базиан ис  рæвдауæндон.  Фæцæф сты æртæ адæймаг.