Уэс Митчелл - АИШ-æ, Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн æфсæддон æххуыс райрæзщын кæндзæн
АИШ-æ, Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн райрæзын кæндзæн æфсæсæддон æххуыс – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон нымæрдары æххуысгæнæг Уэс Митчелл Сенаты æддаг ахастыты комитеты уагъд байхъуыстыл, дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, афтæмæй АИШ-=æ Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн æххуыс кæны, цæмæй Уæрæсейæн ныхмæ лæууын хъом бауой.
«Æххуыс кæнæм Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн, кæцытæм Уæрæсе амæй размы æртъхъирæн кодта тыхæй спайдайæ. Фылдæр кæнæм ацы бæстæтæ æфсæддон фæрæзæты лæвæрд, кæцы æнæмæнг у цæмæй сæхи иргъæвын хъом уой. Мах сыхæлдтам АИШ-ы раздæры хицауады æрдгæй, ацы бæстæтæ хæцæнгарзы алæвæрды тобæдзинад æмæ æххуыс кæнæм дыууæдæр паддзахадæн иргъæфы потенциал сбæрзонддæр кæныны» – райхъусын кодта Уэс Митчелл.
Уый афтæдæр фæныхас кодта Трампы администрацийы æрдгæй Европæйæн æххуысы фæдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, президент Трамп зæгъгæ европæйы æдасдзинад бахъахъъæнæн , 2017 азы Варшавамæ визиты рæстæджы баныфсвæрдта.
«АИШ-æ æнæиу хатт демонстраци скодта уый æмæ Европæйы æмцæдисон кæй у. Уый сбæлвырд кодтам НАТО-ы фæндзæм статийы иузæрдыгдзинадæй, кæцы колективон иргъæф дары йæ хъуыдйы. Мах афтæдæр нывæрдтам реалон ресурсытæ Европæйы иргъæфхъомады фæтыхджындæры. Æфсæддон æххуыс кодтам Украинæйæн, Гуырдзыстонæн, Молдовæйæн, Балтийыбылы бæстæтæн æмæ Европæйы æндæр паддзахадтæн. 2018-2019 азмæ Трампы администраци æркуырдта 11 миллиард доллар, кæцы Европæйы æдасдзинад фæтыхджындæр кæныныл хъуамæ бахардз уа» – райхъусын кодта паддзахадон нымæрдары æххуысгæнæг.
Митчелл афтæдæр фæныхас кодта Уæрæсейы æрдæм АИШ-ы политикæйы фæдыл. Уый ноджы иу хатт рафæлхат кодта паддзахадон нымæрдары фидиуæн, цæмæй АИШ-ы «Фæлмæн политикæ» Уæрæсейы æрдæм фæцис зæгъгæ.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Вашингтон зæгъгæ цæттæ у Уæрæсеимæ диалогмæ, фæлæ æрмæстдæр уыцы цауы, кæд æмæ Мæскуы агрессивон политикæ уадзын бауромдзæн.