Uber-ы алыварс скандал сырæзт

Компанийы дыууæ кусæг та, арæзт ситуацийы тыххæй, куыстæй æссæрибар кодтой. Уый фæдыл расидæн Uber-ы директор сарæзта. Ныхас цæуы 2016-æм азы хакертæ, компанийы 57 милуан пайдагæнæджы персоналон æрбадæттæгтæ адавтой. «Абоны бонæй, компанийы дыууæ кусæг, кæцытæ æрцæугæ инциденты æрбиноныгыл уыдысты дзуаппдæтæг, Uber-ы нал кусдзысты» -ис фыст компанийы веб-фарсыл рапарахатгонд расидæны.. Уæдмæ та рапарахат ис информаци, цæмæй 2016-æм азы Uber-ыл хакерон бабырсты фæстиуæг, дунейы масштабæй 50 милуан пайдагæнæджы электронон адристæ æмæ  телефонон номыртæ адавтой, авд милуан шофыры персоналон æрбадæттæгтæ, се æхсæн 6000 америкаг шофыры скъæрæн бары документы номыртæ.