Уæззау метеорологион уавæрты тыххæй, таможнæ-ауадзæн пункт «Хъазыбег» рæстæгмæ  уромы  кусын
Уæззау метеорологион уавæрты тыххæй, таможнæ-ауадзæн пункт «Хъазыбег» рæстæгмæ уромы кусын

Финансты министрады  æфтиæгты  куысты информацийæ,  Дарьялы  комы  уæвæг уæззау  метеорологион уавæртæй, сæвзæрргæ  уæлвæтк уавæры  тьыххæй, «Хъазыбеджы»  таможнæ-ауадзæн пунктыл  алы хуызы  таможнæйы контролы  процедурæтæ урæд сты.

«Уæлдайджын дæлдзырæтты фæстиуæгæн ивылд  цæугæдæттæ  (Терк æмæ Девдоракъ)  базиан кодтой   Уæрæсме Федерацийы   арæнгæрон (Дарьял-Ларсы 165-æм км), Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы иугæнæг  æхсæнадæмон нысаниуæгы  фæндаджы  фадыг.

Гуырдзыстоны  таможнæйы арæныл  базайрагы  æрбаласын-аласын, афтæма фæнысангонд  таможнæйы   иуадзæн  пункты уылты  паддзахадон арæныл ахизæг физикон уæнгтæн,   таможнæйы  контролы  процедурæтæ сыххæст кæнын  гæнæн нæй.

Æдасдзинад  сифтонг кæныны нысанæн, æмбæлгæ  паддзахадон уагдæттимæ координацигонд куысты фæстиуæгæн, финансты  министрады  æфтиæгты  куысты   таможнæ-зауадзæн  пункт «Хъазыбеджы»  кусджытæ æмæ   бæлццæттæ   эвакуацигонд сты  æдас территоримæ.

Боныгъæд  фæхуыздæры æмæ   реабилитацион куыстытæ  фæуды фæстæ,   таможнæ-ауадзæн пункт «Хъазыбег»   хуымытæг режимы,   адарддæр кæндзæн кусын.  Уымæ æмбæлгæйæ  дæр, бæлццæтты æмæ уæзты   ласт цæудзæн æнæкуылымпыйæ.

Финансты  министрады  æфтиуæгты  куыст иудадзыг дæтдзæн   ранæуæггонд информаци дзыллæйæн  æмæ  медиа фæрæзтæ  цæугæ фæзындты фæдыл» –  банысангонд у  æфтиæгты  куысты  хъусинаджы.