Уæрæсейы тыхты Харьковыл  сæххæст бомбæкалды  фæстиуæгæн  цыппа адæймаг амард, дæсгай та  цæфтæ  сты
Уæрæсейы тыхты Харьковыл сæххæст бомбæкалды фæстиуæгæн цыппа адæймаг амард, дæсгай та цæфтæ сты

Уæрæсейы  тыхтæ  Харьковыл бомбæкалд сыххæст кодтой,  ис дзы  фæмардуæвджытæ æмæ  цæфтæ.

Харковы меры Игорь Тереховы дзырдæй, сабион  фæзыл   хафты  фæстиуæгæн  амард иу  сывæллон, ноджы æртæ  æмбæстаг  12   уæладзыгджын цæрæн  корпусыл   хафты фæстиуæгæн амардысты.

Бомбæтæ  афтæдæр сæмбæлдысты   ахуыргæнæндоныл.

Горæтыл хайты  фæстиуæгæн  фæцæф сты 28  адæймаг.

Украинæй президент  Володимир Зеленски   цæрæн  корпусыл  хафты  видео  публикаци скодта.   Зеленски куыд ныффыста  афтæмæй, уый зæгъгæ не рцыдаит, Украинæйы  хъахъхъæнынады  тыхтæн куы  уыдаит фадат, Уæрæсейы  æфсæддон авиаци сæ базæйыл  скуынæг кодтаиккой.

«Ацы хафт уырыссаг   скъæргæ  авиабомбæйæ  сыххæст ис.   Хафт,  кæцы не рцыдаит, нæ хъахъхъæнынады тыхтæм куы  уыдаит фадат   скуынæг кодтаиккой   уырыссаг æфсæддон авиаци  базиргонд кæм у,  уым.   Мах хъæуынц  партнерты   хъæддых  уынаффæтæ, цæмæй  ацы  террор  фæуромæм.   Уый у абсолютонæй  рæстаг  хъæуындзинад.   Æмæ нæй  Украинæйы   хъахъъхæнынады  тыхты  арæнæвæрды  рационалон  æфсон.   Мах  хъæуынц  дард дистанцийыл   архайæг   фæрæзтæ.   Хъæуынц нæ  Украинæйæн   уæлдæфон иргъæфы     сифтонг кæныны  фæдыл бадзырдты сыххæст,  уый  бирæ  царды аирвæзын кæндзæн», – фыссы  Зеленски.