Уæрæсейы тыхтæ горæт Адвеевкæйы централон базарыл бомбæкалд сыххæст кодтой, амард иууыл цъус авд адæймаг
Донецкы зылды цæрæн пункт Авдеевкæйыл Уæрæсейы тыхты æрдгæй æхсты амæттаг иууыл цъус авд аæдймаг ссис, Уый фæдыл информаци украинаг мадиа Донецкы æфсæддон зылдон инфраструктурæйы къухдриуæггæнæг Павел Кириленкойыл æнцойæ хъусын кæны.
Йæ хъусинагæй, зæгъгæ оккупацион тыхтæ хафт сыххæст кодто Авдеевкæйы централон базарыл.
«Ахæм бомбæкалдæн ницы æфсæддон логикæ ис – æрмæст куыд гæнæн ис афтæ фылдæр нæ æмбæстагы амарыны æмæ æндæрты тасы бафтауынмæ тырнынад. Ахæм у Хуырыс. Сæ бон Украинаг æфсадæн ныхмæ лæууын нал у, æмæ уый тыххæй ныр хæцынц æнæхотых æмбæстæгтимææ» – фыссы Кириленко.