Уæрæсейы патриарх – Украинæй ныр цæуы катастрофæ
Уæрæсейы  патриарх – Украинæй ныр цæуы  катастрофæ

Уæрæсейы  патриархы   дзырдæй,  Украинæйы  рæстдинон  аргъуанæн автокефали  лæвæрды процесс зæгъгæ  каткстрофæ у.  Кириллы  фидиуæнæй,   Константинополь  фыдгæнæгон  уынаффæ рахаста  æмæ   Мæскуыйый  патриархийы  территоримæ  бабырста.

«Ныр  ралæууыдыстæм  цивилизацион   катастрофæйы раз.  Ахæм   хабар никуы  æрцыдис.  Алцыппæт  ай  та,  расайдта  Константинополы  æнæканоникон    æмæ   уый тыххæй   фыдгæнæгон   уынаффæ,  балæбура Украинæйы аргъуаны,  кæнæ Мæскуыйы  патриархийы  территоримæ.  Украинæйы   ницы  иудзинад  не  рцыд» –  райхъусын кодта Уæрæсейы  патриарх.

Кириллы дзырдæй   Украинæйы  зæгъгæ   15 декабры  уагъд   иугæнæг  æмбырд  æнæзаконон у, уымæн  æмæ   ацы процессы  легализаци  æрцыд  Константинополы патриархы  æрдгæй,   кæцыйы юрисдикци,  Уæрæсейы  патриарх куыд  дзуры афтæмæй,  Украинæйы  аргъуанмæ никуы  æххæссыдис.

Бакой  уын кæндзыстæм,   Украинæйы    иугæнæг   æмбырдыл   Украинæйы  ног   рæстдинон аргъуаны  саразыны  тыххæй  райхъусын кодтой, кæцыйы  раздзогæй  сæвзæрстой  39 аздзыд  митрополит  Епифаны.