Уæрæсейы Липецкы  зылдыл   дронтæй бырсты тыххæй æдадсзинад сфитонг кæнынæн уæлвæтк уавæр райхъусын кодтой,  цыппар  цæрæн пунктæй  цæрджыты эвакуаци  цæуы
Уæрæсейы Липецкы зылдыл дронтæй бырсты тыххæй æдадсзинад сфитонг кæнынæн уæлвæтк уавæр райхъусын кодтой, цыппар цæрæн пунктæй цæрджыты эвакуаци цæуы

Уæрæсейы Липецкы  зылдыл  æнæпилот тæхæн аппараттæй  бырсты тыххæй   æдасдзинад  сæнæмæт кæнынæн  уæлвæтк уавæр райхъусын кодтой. Уый фæдыл уырыссаг медиа  бынæттон хицауадыл æнцойæ хъусын кæны.

Уыимæ  хутор Федоровкæйы, Яковлевскы  æмæ Тинковкæйы  цæрæн рæттæй  цæуы  цæрджыты эвакуаци.

«Рæмыгъдтæссаг объектты   спырхы  фæстиуджытæ  схафынæн  Липепцкы   муниципалон зылды  территорийыл   æрбайстой  уæлвæтк  уавæр. Цæрджыты æдадсзинады нысанæн  аскуыддзаг   цæрæн пункттæй  цæрджыты эвакуаци», – банысан кодта  Уæрæсейы Липецкы   зылды   губернатор  Игорь Артамонов.

Уыимæ фæстæдæр  губернатор   æхсæнадон трнаспорты  бауромыны уынаффæ рахаста æмæ  æрдомтта  бынæттон кондадтæй, ма  афтауой  кусджыты  куытмæ, цалынмæ  фæдисы  сырх æмвæз нæ аивдзæн.