Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад -  Британийы денджызон тыхты дæлхайады  минæвæрттæ, Балтийы денджызы террористон бырсты  план кæныны æмæ сыххæсты райстой хайад
Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад - Британийы денджызон тыхты дæлхайады минæвæрттæ, Балтийы денджызы террористон бырсты план кæныны æмæ сыххæсты райстой хайад

Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад Балтийы денджызы, Цæгат къадайы  хæтæлвæдыл  æрцæугæ  стынды   сплан кæныны   зылынджын кæны Британийы.

«Британийы денджызон  тыхты дæлхайады минæвæрттæ, хайад райстой   цæугæ  азы 26 сентябры  Балтийы  денджызы  террористон  бырсты  сплан кæныны,  æрцæттæ кæныны æмæ   сыххæсты», – дзырдæуы  Уæрæсейы  хъахъхъæнынады  министрады  фидиуæны.

Уæрæсейы  зылынгæнæнты тыххæй   комментари  сарызтой Британийы дæр.  Лондон Уæрæсейы  «эпикон  масштабы  гæдыдзинады»  фæаххосджын кодта.

«Украинамæ æнæзакъонон бырсты фæстиуæгæн ист катастрофон фæстиуджытæ бамбæрдзынæн, Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад эпикон масштабы  гæдыдзинад хæлиу кæны. Ацы  гæдыдзырд истори ныгуылны бæсты, Уæрæсейы  хицауады  фæдыл  фылдæр  амоны», – дзырдæуы  Британийы  хъахъхъæнынады министрады фидиуæны.