Уæрæсейы Федерацийы советы спикер - Гуырдзыстоны хицауад Уæрæсеимæ ахастытæ аскъуынынæн алцыппæт аразы
Уæрæсейы Федерацийы советы спикеры, Валентина Матвиенкойы дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсейы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн конфликт нæй, фæлæ Гуырдзыстоны абоны хицауад алцыппæт аразы, цæмæй Уæрæсеимæ цæдис аскъуына. Уый тыххæй Матвиенко загхта уырыссаг медийæн.
«Гуырдзыстоны абон цы хицауад ис, уый алцыппæт аразы, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Уæрæсе бастдзинад аскъуыной. Уыдон хæдбарæй нæ архайынц, уый æппæт аразынц кæмæдæр хъусгæйæ. Уый тыххæй дæр, цалынмæ хицауад йæхи хицауадмæ куыд æмбæлы афтæ нæ равдисдзæн æмæ бæстæйы сæрфад не æрфидар кæндзæн, цалынмæ урæд не æрцæудзæн ацы русофобион уылæн, кæцыйы сцырын кодтой радикалтæ, уæдмæ нæм ныхас кæнинаг ницы ис. Нырма сæрфад æрфидар кæнæт бæстæйы, æмæ æрцæугæйы тыххæй хатыр ракурæт, стæй гæнæн ис диалог» – райхъусын кодта Матвиенко.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн конфликт нæй æмæ провокаци развæлгъау уыд цæттæ, цæмæй русофобион уылæн сцырын уыдаит.