Уæрæсейы  Федерацийы   советы  спикер -  Гуырдзыстоны хицауад  Уæрæсеимæ ахастытæ аскъуынынæн алцыппæт аразы
Уæрæсейы Федерацийы советы спикер - Гуырдзыстоны хицауад Уæрæсеимæ ахастытæ аскъуынынæн алцыппæт аразы

Уæрæсейы  Федерацийы  советы спикеры, Валентина  Матвиенкойы  дзырдæй, зæгъгæ  Уæрæсейы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн   конфликт нæй, фæлæ  Гуырдзыстоны  абоны хицауад   алцыппæт аразы, цæмæй  Уæрæсеимæ  цæдис аскъуына.  Уый тыххæй   Матвиенко  загхта  уырыссаг медийæн.

«Гуырдзыстоны абон цы хицауад ис,  уый  алцыппæт аразы, цæмæй   Гуырдзыстон æмæ Уæрæсе  бастдзинад аскъуыной.  Уыдон  хæдбарæй нæ архайынц,  уый  æппæт  аразынц кæмæдæр хъусгæйæ. Уый тыххæй дæр,   цалынмæ  хицауад  йæхи хицауадмæ куыд æмбæлы  афтæ нæ равдисдзæн æмæ бæстæйы  сæрфад   не æрфидар кæндзæн,  цалынмæ  урæд не æрцæудзæн ацы русофобион уылæн, кæцыйы  сцырын кодтой радикалтæ, уæдмæ  нæм ныхас кæнинаг ницы  ис.  Нырма сæрфад æрфидар кæнæт   бæстæйы, æмæ æрцæугæйы тыххæй  хатыр ракурæт, стæй  гæнæн ис  диалог» –  райхъусын кодта  Матвиенко.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы  æхсæн конфликт нæй  æмæ  провокаци  развæлгъау уыд цæттæ, цæмæй  русофобион  уылæн  сцырын уыдаит.