Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрад – Уæрæсе никуы бауадздзæн Украинæйæн йæ 1991 азы арæнтæм æрыздæхын
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрад – Уæрæсе никуы бауадздзæн Украинæйæн йæ 1991 азы арæнтæм æрыздæхын

Киев æмæ йæ ныгуылæйнаг фарсхæцджытæ «каннибалистон инстинктæй» разамынд дæттынц, Украинæйы 1991 азы арæнтæм сног кæнын куы фæфæнды, уæд – уый фæдыл Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрады расидæны ис фыст.

Расидæны куыд ис фыст, афтæмæй Уæрæсе никуы бауадздзæн ахæм сценарий.

“Бæрæг у, Киевы режим æмæ йæ ныгуылæйнаг фарсхæцджыты дзæгъæлы, æнæбындур ныхæсты фæстæ, цæмæй Украинæ æрыздæха йæ 1991 азы арæнтæм, ис каннибалистон инстинкт, цæмæй скуынæг кæной æппæт уæрæсейаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсе никуы бауадздзæн ахæм сценарий сæххæст кæнын”, — дзырдæуы Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусинаджы.