Уæрæсейы  Дума, Донецк æмæ Луганскы  банымады фæдыл резолюцийы проектимæ сразы ис
Уæрæсейы Дума, Донецк æмæ Луганскы банымады фæдыл резолюцийы проектимæ сразы ис

Уæрæсейы  думæйы  пленарон  рабадтыл  депутатты  фылдæр сразы  сты  Луганск æмæ Донецкы  «адæмон республикæты»   хæдбар паддзахадтæй   банымады фæдыл  Уæрæсейы  президентмæ куырдиат  арвитынимæ.

Паддзахадон думайы  спикер,  Вячеслав  Володины  фидиуæнæй,   резолюцийы  документ Владимир Путинмæ æнæаргъæвгæйæ арвитдзысты.  Володин   банысан кодта, цæмæй   депутатты  хъуыдымæ гæсгæйæ,  «банымады фæрцы  фæзындзæнис  бындур æдасдзинады  гарантитæ  сифтонг кæнынæн  æмæ  республикæты  цæрджыты æддæйæ æртхъирæнæй  баиргъæвынæн» .

Хурыскæсæн Украинайы  Уæрæсейæ оккупацигон  территористы  хæдбар  паддзахадтæй  банымады фæдыл проект, «Коммунистон парти»  19 январы   раразмæ кодта.  Резолюцийы  проект  паддзахадон  думамæ, æркæсынмæ  Уæрæсейы  хицаугæнæг парти  «Единая Россия»  14 февралы  бавдыста.