Уæрæсейы  «Дойче Веллейы»  уацхæссынад фæтобæ уыдзæн
Уæрæсейы «Дойче Веллейы» уацхæссынад фæтобæ уыдзæн

Уæрæсе,  бæстæйы  территорийыл    немыцаг  «Доче Велейы»    уацхæссынадыл  тобæ сæвæрдзæн  æмæ Мæскуыйы  офисы  кусджытæн аккредитацитæ  аивдзæн.  Информацийы,  «Евроньюс» Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министрадыл æнцойæ   хъусын кæны.

Уыйимæ, Мæскеуыйы афтæдæр хъавынц  «доче Веллейы»  фæсарæйнаг медиафæрæзæй  –  «Фæсарæйнаг бæстæйы агентдæй»   банымады фарста æркæсын.

Цъус рæстæг размæ «Раша Тудейы»   райхъусын кодтой, цæмæй немыцыаг æвзагыл  информацион  канал скусын кæндзысты.  Дзуаппæн  немыцаг медиарегулиргæнæг органы  къухдариуæггæнæг, Эва Флеккен райхъусын кодта, цæмæй   ацы  каналæн Германийы  уацхæссынады  лицензи нæй  æмæ фæнысангонды фæдыл  фæдагуырд  райдаыны фæдыл   райхъусын кодта. Уæлдæрбанысангонд архайды дзуаппæн  Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты  министр Сергей Лавров  нæ ацух кодта  уый æмæ  Кремль  тыхыбын бауыдаит, Германийы  «RT DE»-ы байгомыл нæзагъды тыххæй  æмбæлгæй  дзуапп раттаит.