Уæрæсейы абон конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыныл æппæтадæмон хъæлæскæнынады финалон бон у
Уæрæсейы абон конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыныл хъæлæскæнынады финалон бон у. Коронавирусы тыххæй Уæрæсейы хъæлæс кæныны процедурæ 25 июны райдыдта æмæ цалдæр этапæй ацыд.
Æвзарæн фадгуытæ бынæттон рæстæгæй 20:00 сахатыл æрыхгæндзысты. Кдæ æмæ æвзæрстгæнджыты фылдæры хай конституцион барастытимæ сразы уыдзысты, уæд конституцийы ивындзинæдтæ фæстиуджытæ публикацийы бонæй бахиздзысты сæ тыхмæ.
Хъæлæс кæныны сæйраг бон райдайæны размæ, Уæрæсейы æмбæстæгтæм президент æрсидт æмæ сæ конституцимæ бахæссинаг ивындзинæдтæн схъæлæс кæнын æрдомтта.
Æппæтадæмон хъæлæскæнынады Уæрæсейы 22 апрелы хъуамæ ацыдаит, фæлæ коронавирусы пандемийы тыххæй æмгъуыдæргъæвд æрцыд.
Конституцион ивындзинæдты инициативæйæ Уæрæсейы президент цæугæ азы январы рацыд. Бæстæйы сæйраг законмæ ивындзинæдтæ бахæссын Владимир Путинæн, президентон æмгъуыдтæ ногæй нымайыны фадат ратдзæн. Афтæмæй уымæн президенты бынатыл баззайын йæ бон уыдзæн 2036 азмæ.