Уæрæсе Украинæмæ ноджы иу массивон ракетон бабырст сыххæст кодта
Уæрæсе Украинæмæ ноджы иу массивон ракетон бабырст сыххæст кодта

Украинаг медийы информацийæ, Уæрæсе 31-æм декабры Украинайы территорийыл  ракетон бабырст сарæзта.

Авиацион æмæ баллистикон ракетæтæй пайда кæнынæй тæссаг кæй у, уымæ гæсгæ æнæхъæн бæстæйы расидтысты тревогæ.

Медийы информацийæ, уæлдæфмæ æхсæзæй къаддæр нæ атахтысты уæрæсейаг ТУ-22 хæдтæхджытæ æмæ ракетæтæ Х-22 Украинæйы æрдæм ауагътой. Афтæ дæр «Саваслейкæйы» аэродромæй атахт МИГ-31 типы хæцæнгарз, кæцы, дам, «Кинжали»-йы типы ракетæ ауагъта.

Киевы æфсæддон администрацийы информацимæ гæсгæ, уæлдæфон хъахъхъæнынады системæ скуыста ракетон бабырсты фæстиуæгæн. Ракетæтæй иуы фрагменттæ æрхаудысты Дарницы районы сæрмагонд бæстыхайы сæрмæ. Зианбаййафджыты æмæ зиæнтты тыххæй информаци нæй.

Украинайы гарзджын тыхты информацийæ, уырыссаг ракетæтæ æмæ дронтæ  Киевы, Сумы, Полтавайы, Черниговы, Днепропетровскы, ​​Харьковы æмæ Черкасы облæсты.

Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Сумы районы горæт Шосткæйы уæрæсейаг бабырсты фæстиуæгæн пырх æрцыдысты 12 бирæуæладзыгон цæрæн хæдзары, дыууæ ахуырадон уагдоны, инфраструктурæйы объекттæ.