Украинæйы паддзахадон æнæнхъæлæджы уавæрты куысты информацийæ, æхсæвы Киевмæ Уæрæсейы æхсты фæстиуæгæн æртæ адæймаг фæмард æмæ 29 та фæцæф сты. Цæфгондты æхсæн уыд авд сывæллоны.
Ирвæзынгæнæн куысты информацийæ, уæрæсейаг дроны бабырст Деснианы районы 9 уæладзыгон цæрæн хæдзары зынгсирвæзт расайдта. 13 адæймаджы бæстыхайы уæллаг уæладзгуытæй ракодтой. Иннæ дрон ныццавта 16-уæладзыгон бæстыхай. Уымæй дарддæр ма дроны хæдтæхæг æрбабырста бирæуæладзыгон хæдзарыл Киевы Оболоны районы, кæд æмæ уым зынгсирвæзт нæ уыд, уæддæр.
Æнæнхъæлæджы уавæрты службæ нæ сбæлвырд кодта, адæм кæцы бæстыхæйтты фæмард сты, уый.
Украинæйы телеграм-каналтыл ахæлиу сты кадртæ, кæцыты æвдыст цæуы тыхджын зынгсирвæзт бирæуæладзыгон бæстыхайы.