Уæрæсе денджызон полигонтыл, сæ нымæцы Сау Денджызыл дæр æфæддон ахуыртæм рахизын хъавы
Уæрæсе стратегион æфсæддон тыхты ахуыртæм рахизын хъавы. Маневртæ 15-æй 17 октябры онг периоды ацæудзысты æмæ ахуырты хайад райсдзæн 12000 æфсæддон. Информацийы хъусын кæны Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад.
«Ахуырты хайад райсдзæн сæрмагонд сконды 12 мин уæнг, стратегион нысаниуæгы ракетон тыхты 213 ауадзæн гарзæг, 105 тæхæн аппарат æмæ фондз дæлдон нау, афтæма 130 иуаг хæцæн специалон техникæ» – дзырдæуы Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады фидиуæны.
Афтæдæр сæ информацийæ, ахуырты рæстæджы сæххæст уыдзæн баллистикон æмæ базырджын ракетæты æхст.
«Ахуыртæ цæуынц, денджызон полигонтыл, Баренцы, Сау, Охоты æмæ Каспийы денджызты» -дзырдæуы Уæрæсейы хъахъхъæнынады уагдоны фидиуæны.