Уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты статус ивд цæуы. Æмбæлон ивдтытæ, «Æмбæстагон æдасдзинады фæдыл» закъонмæ хаст цæуынц, кæцыйы инцирдзинад, Фыццаг Къаналы информацийæ, бюройы абоны рабадтыл сырæздзæн.
Ивдтытæм гæсгæ, уæлвæтк уавæрты фæткдар куыст, мидхъуыддæгты министрады дæлуагдонæй сфидар уыдзæн, кæцы бæрнон уыдзæн премьер-министры æмæ МХ министрады раз.
Закъонопроектæй æнæивгæйæ баззайдзæн куысты роль материалон резервты фæтдаруаты фарстайы æмæ ахæм хуызæй рахизы абон уæвæг уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты структурæ.
Афтæма проектæй конкрет цæуы, цæмæй уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты сферæйы архайдзæн паддзахадон резервты æмæ æмбæстагон æдасдзинады сервисты агентад, кæцыйы сæйраг функци уыдзæн æмбæстагон æдасдзинады сферæйы паддзахадон лæккады раттын, паддзахадон материалон резервты саразынмæ, фæткдæттынмæ, бавæрд æмæ спайдаимæ баст операцион проедурæтæ.
Законопроектмæ гæсгæ, паддзахадон резервты æмæ æмбæстагон æдасдзинады сервисты агентады хистæры снысан кæндзæн министр, æрмæст уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты къухдариуæггæнæджы МХ министры бавдисгæйæ постыл снысан кæндзæн æмæ йæ ссæрибар кæндзæн премьер-министр.