Уæлвæтк уавæрты фæткдар куыст, 14-æм февралæй, зынгвæдисон æдасдзинады æрдгæй, бæстыхæйтты сгарын райдайы
14-æм февралæй, Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады уæлвæтк уавæрты куыст Гуырдзыстоны масштабæй, райдайы бæстыхæйтты сгарын, зынгвæдисон æдасдзинады фæдыл закъонæй бæрæг нормæты тыххæй.
Уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты информацийæ, «Административон барадсасты кодексымæ» ивдтытæ бахæссыны фæстæ, практиконæй алы бæстыхайы сгæрст сырæздзæн, зынгвæдисон æдасдзинады æрдгæй æмæ банкъаринагæй райрæзтысты санкцитæ зæгъгæ.
Уагдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зынгвæдисон æдасдзинады техникон регламенты саст кæнæ йæ игнорирдзинады тыххæй бæлвырд у ивар 500-йæ 10 000 ларийы онг.
«Уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты специалисттæ, сгæрстытæ ауадздзысты æртæ этапæй. Фыццагыл уыдзæн инспекци, бæстыхæйтты асгæрсты фæстæ лæвæрд æрцæудзысты рекомендацитæ æмæ алы бардарæгмæ лæвæрд æрцæудзысты æмгъуыдтæ ацы рекомендацитæ сыххæст кæнынæн. Фæлхатгæ сгæрсты рæстæджы, куыст йæ хъус бадардзæн, уымæ цæмæй куыд æххæст цæуынц сæ рекомендацитæ. Æмæ æртыккаг этапыл та, кантролон-сгæрсты рæстæджы, рекомендацитæ æнæсыххæсты цауы, уагæвæрд æрцæудзысты закъонæй бæрæг санкцитæ.
Уагдон æвджиддар у критикон æнæмбæлгæ уавæрты цауы, тæрхондонмæ бахъаст кæнын æмæ бæстыхайы эксплуатаци æруромын æрдомын», – дзырдæуы Уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты фидиуæны.