Уæлдайджын дæлдзырæтты æмæ штормы фæстиуæгæн базиан ис Батумы бульвары цалдæр фадыг
Батумы, фидар уады æмæ штормы фæстиуæгæн, Бульвары долбылы бæрæг периметрыл базиан ис инфраструктурæ. Ачъарайы хицауады сæрдар Торникэ Рижвадзе Батумы донбыл хаххы уæвæг уавæримæ бынатыл æрзонгæ ис.
«Уæлдайджын дæлджзырæтты, хъызты æмæ штормы фæстиуæгæн Батумы донбыл хаххыл зиангонд у инфраструктурæ. Мобилизацигонд у мэриа æмæ уæлвæтк уавæртæм æмбæлгæ куыстытæ. Куыддæр боныгъæд фæхуыздæр уыдзæн афтæмæй сног кæндзыстæм инфраструктурæ. Фæнды мæ æмбæстæгтæй ракурын, цæмæй максималонæй сæхи бауромой донбыл хаххыл змæлдæй. Алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй хъахъъхæд уа куыд инфраструктурæ афтæ нæ æмбæстæгты æдасдзинад» – райхъусын кодта Торникэ Рижвадзе.
Афтæма, шторы фæстиуæгæн базиан ис Кобулеты донбыл хахх. Цæуынц ликвидацион мадзæлттæ.