Уад «Дориан»  йæхи ныццавдта Канадæйыл
Уад «Дориан» йæхи ныццавдта Канадæйыл

Уад «Дориан»  йæхи ныццавдта Канадæйыл.  СИноптикты  информацийæ, стихий  Ног Шотландийы  провинцийыл  æрзылд.  Уады  тагъдад  160км/с-мæ  æххæссы.

Уады фæстиуæгæн. Дæсгай  цæрæн  хæдзар баззад æнæуæлхæдзарæй,  фæлдæхт сты  бæлæстæ, 450 000  абонент  æнæрухсæй  баззад. Ирвæзынгæнæг  операцийы  баст сты  æфсæддæттæ дæр.

Донбылмæ хæстæг цæрæг  æмбæстæгты хайы  эвакуаци  сæххæст.  Уæдмæ  уад  «Дориан»  æрзылдис  АИШ-ы донбылыл.

Багамы сакъадахтыл  та, стихийы  амæттаг ыссис  иуыл цъус 40  адæймаг.