Туркаг медийы информацийæ, Уæрæсе нæ райсдзæн хайад Сау Денджызы æдасдзинады фæдыл фембæлды, кæцы Турчы плангонд у 15-16 апрелы
Уæрæсе нæ райсдзæн хайад Турчы плангонд фембæлды Сау Денджызы æдасдзинады фæдыл. Уый фæдыл информаци туркаг агентад «Анадолу» парахат кæны.
Турк 15-16 апрелы Сау Денджызы æдасдзинады фæдыл фембæлд сырæздзæн. Турчы хихъахъæнады министрады информацийæ, фембæлд Анкарайы денджызон тыхты штабы сырæздзæн æмæ дзы хайад райсдзысты æндæр æмæ æндæр бæстæты æфсæддон минæвæрттæ. Ныхас цæудзæн Сау Денджызы сабырадон уавæр бахъахъхъæныны тыххæй æфсæддон-денджызон планкæныны фарстатыл.
Турчы хихъахъæнады министрад нæ сбæлвырд кодта, кæцы бæстæтæ хайад райсдзысты плангонд дискусийы, кæд æмæ уагдоны банысан кæнынц, цæмæй фембæлдмæ Уæрæсейы минæвар нæ уыдзæн.