Туркаг медийы информацийæ, Сарпийы таможнæйы цур фондзкилометрон къæрмæг сырæзт
Сарпийы таможнæйы цур фондз километрон къæрмæг сырæзт. Уый тыххæй информацийы «Си-Эн-Эн Турк» хъусын кæны.
Журналистты информацимæ гæсгæ, уæзласæн автомобильтæ лæууынц суанг Кемалпаша æмæ Хопайы онг.
Турчы хицауад бæлвырд кæны, цæмæй таможнæйы цур уæзласæнты рæнхъ, Гуырдзыстоны фарсы процедурæты фæкуылымпыйы тыххæй сырæзт.
Афтæма, «Си-Эн-Эн Турк»-ы информацийæ, экспортерты фæнды мæйы кæрон сæ фидæнтæ бафидын, цæй тыххæй дæр таможнæйы цур рæнхъытæ фæстаг периоды фæарæх сты.
Медийы хъусинагæй, афтæдæр туркаг таможнæйы кусджытæ хъусын кæнынц, цæмæй куылымпыдзинад Ног Азы æмæ Цыппурсы æрбаввахсимæ у баст.
Туркаг Медийы æмбарын кæнынц, цæмæй Турчы хицауад гуырдзиаг таможнæйы кусджытимæ æнæаскуынгæ контактыл ис æмæ рæнхъыты проблемæ æввахс бонты аскуыддзаг уыдзæн.