Туркаг медиайы  хъусинагæй, Стамбулы æнæнцайгæ къæвдайæ расайгæ донивылды фæстиуæгæн дыууæ адæймаг амард
Туркаг медиайы хъусинагæй, Стамбулы æнæнцайгæ къæвдайæ расайгæ донивылды фæстиуæгæн дыууæ адæймаг амард

Ивгъуыд æхсæв, Стамбулы   æнæнцайгæ  кæъвдайæ  расайгæ   донивылды   фæстиуæгæн   дыууæ  адæймаг  амард. Туркаг  медиайы  информацийæ,   сæрмагондæй  вазыгджын  уавæр  ис  Киркилареры  провинцийы  цы ран  ацы рæстæгмæ агурынц  цыппар æмбæстагы.

Бæстæйы стырдæр  горæты тæркъæвда  уынгтæ  сцад  кодта.  Стамбулы   губернатор, Давут  Гулу  райхъусын кодта, цæмæй хицауад  донивылды   фæстиуæгæн   зианбавзарджытæн  рæстæгмæ  цæрæн  фæзуатты æрцæрын кæндзæн.

Синоптиктæ  бæстæйы  ныгуылæн  æмæ Хуссар–Ныгуылæн   регионты  та  фæстæмæ  дæлдзырæттæм  æнхъæлмæ кæсынц  æмæ цæрджыты фæдзæхсынц гæнæн   донивылды  æмæ  фидар уады  тыххæй.