Туркаг медиа - «Исламы Паддзахадимæ» бастдзинады аххосæй ахст Гуырдзыстоны æмбæстаг, баст уыдис 2017 азы Тбилисы спец-операцийы фæстиуæгæн ахст иуæй-иу террористимæ
Туркаг телекомпани «Нергис ТВ»-йы журналисты информацийæ, Турчы ахст Гуырдзыстоны æмбæстагæн, 2017 азы Тбилисы спец-операцийы рæстæджы ахст уæнгимæ уыд бастдзинад.
Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналимæ интервьюйы журналист Мерих Ак дзуры, цæмæй террористон организаци «Исламы Паддзахад»-имæ бастдзинады аххосæй ахст дæс уæнгæй иу Гуырдзыстоны æмбæстаг у æмæ уый сахар Измыры, университеты ахуыр кодта. Афтæдæр журналисты информацийæ, ахæстмæ бастдзинад уыд уыцы уæнгимæ, кæцы 2017 азы Тбилисы уагъд антитеррористон спец-операцийы рæстæджы æрцахстой.
«Измыры полицийы департаменты терроризмимæ тохы хайады кусджытæ, сахары æмæ дыууæ провинцийы спец-операци ауагъдтой, кæцы «Исламы Паддзахад»-имæ баст уыд. Ацы операциты фæстиуæгæн 10 адæймагы æрцахстой, кæцыты нымæцы 9 уыдысты Сирийы æмбæстæгтæ æмæ иу та гуырдзыстоны æмбæстаг. Ахæст уæнгтæ уыдысты Измыры полицийы департаменты терроризмимæ тохы хайады æрфасртыл. Ахæстты информацийæ, ахст Гуырдзыстоны æмбæстагы ном нырма зæгъгæ къодæй у бæрæг, куыд М. Б. Уæвæг информацийæ, ахст Гуырдзыстоны æмбæстаг интенсивон баст уыдис 2017 азы Тбилисы Гуырдзыстоны полицийы уагъд спец-операцийы фæстиуæгæн фæцæфуæвæг уæй-иу террористимæ. Дзырдæуы уыцы спец-операцийыл, кæцыйы дæр иу лæг æрцыд ликвидацигонд æмæ иу та фæцæф ис.
Измыры полици фæнысангонд уæнгы растдæр ацы æрдгæй фæрсы.
Ахст Гуырдзыстоны æмбæстагмæ гæсгæ, фæдагуырды инетерстæй рацæугæйæ, Измыры полицийы департамент информацийы нæ дæтты, фæлæ зонæм, цæмæй ацы фарстамæ гæсгæ, гуырдзиаг барадхъахъъæнджытмæ æмкуысткæнынады дарддæр кæны. Нырма нæдæр йæ наций у бæрæг. Æрмæст уый зонæм цæмæй уый у Гуырдзыстоны æмбæстаг æмæ ахуыр кодта Измыры университеты»- райхъусын кодта Мерих Ак.
Туркаг медийы информацийæ, спец-операцийы рæстæджы ахст дæс уæнгæй фараст Сирийы æмбæстæгтæ сты æмæ иу та у Гуырдзыстоны æмбæстаг. Афтæдæр медийы хъусинагæй, джигулы фæстиуæгæн ист æрцыд, æнæлицензиргонд хæцæнгарз, терроистон организацийы символикæ, æхца æмæ æндæр документтæ.