Туркаг медиа - гуырдзиаг сылгоймаг лымæн нæлгоймагы æмæ уый фæстæ та йæхи амардта
Туркаг медиа -  гуырдзиаг сылгоймаг лымæн нæлгоймагы  æмæ уый фæстæ та йæхи амардта

Стамбулы гуырдзиаг сылгоймаг  амардта йæ лымæн  нæлгоймагы  æмæ уый фæстæ та йæхи амардта – хъусын кæны   бынæттон  медиа.

Туркаг медийы хъусинагæй  Дж.Х.  Стамбулы цардис  Шишлы  районы. Фæдагуырды информаийæ,  уый  æнæегистриргонд æхснгарзæй фехста лымæн нæлгоймагы, Турчы æмбæстаг О.А.-ы  æмæ  уый фæстæ  та  уыцы  æхсæнгарзæй   йæхи амардта.   Барадхъахъæнджыты  информацийæ,  фыдаркæнды размæ цыдис   æмкъæйтты æхсæн   дау, кæцыйы  аххос  сбæрæг кæнын нæ бантыст.

Æвдисæны  хъусинагæй,  æрцæугæйы  рæстæджы хæдзары  уыдис  гуырдзиаг  чызг дæр,  кæцы æхсты гуыппы фæдыл бауад йæ  мады  уатмæ.

Бынатмæ  бацæуæг  полициæгтæ   дыууæ марды баййæфтой, æрмæст  чызджы  та шокы  уавæры уæвгæйæ   рынчындонмæ фæхæццæ кодтой.

Æрцæугæйыл  фæдагуырд   дарддæр кæны.