Турк Уæрæсейы  Федерацийæ балхæндзæн   ракетон комплекстæ
Турк Уæрæсейы Федерацийæ балхæндзæн ракетон комплекстæ

Турк  Уæрæсейы  Федерацийæ   2.5  миллиард доллары аргъы,  ракетон   комплекстæ æрылхæлдзæн.

Дзырдæуы S-400-йы типы   ракетон комплексыл,   кæцыты балхæныны  фæдыл  Мæскуы æмæ   Анкара  бадзырд бафыстой.

«Росстехы»   къухдариуæггæнæг  Сергей  Чемезов куыд хъусын кæны афтæмæй,    2,5 миллиард    доллары 45%-ы  Уæрæсе   райсдзæн рагафонæй.

 

Аргъы иннæ  55%-ы та  Уæрæсе адæтдзæн кредиты хуызæй.  Фыццаг ракетон   комплексты Турчы Республикæ  райсдзæн 2020 азы.

Уæрæсе æмæ Турчы бадзырд,  ныгуылæнæн мæтæфтауæг ссис.

АИШ-ы  хъусын кæнынц, цæмæй  уырыссаг S-400-ты альянсы  хотыхтимæ интеграци скæнын зын у зæгъгæ.

«Росстехы»  кухдариуæггæнæг  Сергей Чемезов куыд  дзукры  афтæмæй,   Турк НАТО-йы  фыццаг   уæнг паддзахад у,   кæцы  балхæдта  уырыссаг  системæтæ.