Турк Сирийы цæгат-скæсæны æфсæддон операци æххæсткæнын райдыдта.
Фидиуæн цалдæр минуты размæ Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъан сарызта. Информаци хъусын кæны агентад «Ройтер».
Турчы президент, Реджеб Таип Эрдогъан цалдæр боны размæ райхъусын кодта, ома зæгъгæ Сирийы цæгаты, турчы арæнгæрон регионы, æввахс бонты æфсæддон операци райдайдзæн. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, уымæн зæгъгæ йæ нысан у, регионæй курдаг хæцджыты аддæдуар кæнын æмæ æдас зонæ саразын.