Турк Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхтæм æндæр æмæ æндæр типы техникæ радæтта
Турчы Республикæйы хицауад Гуырдзыстоны хаъхъхъæнынады тыхтæн авиацийы æмæ уæлдæфон иргъæфы фæрæзтæ фæхуыздæр кæнынæн, æндæр æмæ æндæр типы техникæ ратта. Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрад.
Уагдоны информацийæ, мадзалыл, авиацион базæйыл уыдысты Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министры хæдивæг Григол Гиоргадзе, хъахъхъæнынады тыхты сæрдары хæдивæг, броигадæйы инæлар Ираклий Чъичъинадзе æмæ Гуырдзыстон Туры минæвар Али Каан Орбаи.
«Авиацийы æмæ уæлдæфон иргъæфы срæдарадмæ Туркаг фарсæй лæвæрд у дыууæ иуæг спецтехникæ æмæ хæрдмæтæхæджы хæйттæ. Фæстæдæр техникæйы алæвæрды протокол дæр бафыстæуыд, кæцыйы къух бафыстой авиацийы æмæ уæлдæфон иргъæфы æрдар булкон Серго Нинуа æмæ Турчы Республикæйы хъахъхъæнынады атташе, булкон Бурак Алтинер. Техникæйы алæвæрд Турчы Республикæимæ къухæвæрд æфсæддон финансон æмгуыстады бадзырды фæлгæтты сыххæст ис. Гуырдзыстон æмæ Турк хъахъхъæнынады сферæйы æндæр æмæ æндæр æрдгæй бирæ аз у æнгом æмгуыст кæнынц» – банысангонд у хъахъъхæнынады министрады информацийы.