Турк бафаудта Стокголмы уагъд акци, кæцыйыл басыгхдтой Хъуыран. Анкарайы фехъусын кодтой, ома Швецийы хицауады уынаффæ, раттаит барлæвæрд, цæмæй ахæм акци ацыдаит, Туркæн нæрайсгæ у.
Уыимæ Турчы ацыд дзуаппон акци, кæцыйыл митинггæнджытæ Швецийы национ тырыса басыгъдтой. Активисттæ Стамбулы Швецийы консулады цур æрымбырд сты. Бынатыл мобилизацигонд уыд пъæлицæй. Уыдис быцæуæмбæлдтæ дæр.
Акци ацы Анкарайы дæр Швецийы минæварады цур. Демонстранттæ Швецийы фæзылынджын кодтой исламофобийы.
Стокголмы Хъуыран басудзыны акцийы организаци скодта ультрарахис политик, Расмус Палудан. Ацы бон, Стокгольмы ацы акци, кæцыйы хайадисджытæ Швецийы НАТО-ы уæнгсуæвыны ныхмæ уыдысты.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй Турк, Венгриимæ иумæ, ацы афонмæ блокировкæ кæнынц Швецийы НАТО-йы уæнгтæм райст.