Туризмы администраци – январы  æхсæнадæмон  балцæй  æфтиаг уыд  114 милуан доллар
Туризмы администраци – январы æхсæнадæмон балцæй æфтиаг уыд 114 милуан доллар

2022 азы январы   æхсæнадæмон  балцæй  Гуырдзыстонмæ  æрбафтыд  114,022,899 Аиш доллар  æфтиаг, кæцы  2019  азы  бæрæггæнæны  69% бæрц у;  2021  азы  январимæ  абаргæйæ, æхсæнадæмон балцæй  æфтиæгтæ   райрæзтысты   103,663,879 (+1,007%) АИШ долларæй,  – уый фæдыл  информаци  хъусын кæны туризмы националон администраци.

Уагдоны информацийæ,  2022  азы   позитивон  тенденци   лæууы   визиторты æрдгæй.

«2022  азы январы  Гуырдзыстонмæ сыххæст ис   199,393  æхсæнадæмон визит, кæцы  2019  азы бæрæггæнæнимæ абаргæйæ  38%-æй сæндидзыд.

2021 азимæ абаргæйæ та,  рæзт  +471% у. 2022  азы  январы туристон  визитты   нымæц  163, 615  у.

Сæндидзыд  2019  азы   бæрæггæнæнимæ абаргæйæ  53%, æрмæст 2021 азимæ  абаргæйæ   рæзт  у +456%», – банысан кодтой   туризмы националон дминистрацийы.