Туризмы администраци – январы æхсæнадæмон балцæй æфтиаг уыд 114 милуан доллар
2022 азы январы æхсæнадæмон балцæй Гуырдзыстонмæ æрбафтыд 114,022,899 Аиш доллар æфтиаг, кæцы 2019 азы бæрæггæнæны 69% бæрц у; 2021 азы январимæ абаргæйæ, æхсæнадæмон балцæй æфтиæгтæ райрæзтысты 103,663,879 (+1,007%) АИШ долларæй, – уый фæдыл информаци хъусын кæны туризмы националон администраци.
Уагдоны информацийæ, 2022 азы позитивон тенденци лæууы визиторты æрдгæй.
«2022 азы январы Гуырдзыстонмæ сыххæст ис 199,393 æхсæнадæмон визит, кæцы 2019 азы бæрæггæнæнимæ абаргæйæ 38%-æй сæндидзыд.
2021 азимæ абаргæйæ та, рæзт +471% у. 2022 азы январы туристон визитты нымæц 163, 615 у.
Сæндидзыд 2019 азы бæрæггæнæнимæ абаргæйæ 53%, æрмæст 2021 азимæ абаргæйæ рæзт у +456%», – банысан кодтой туризмы националон дминистрацийы.