Туризмы администраци «Цъæх паспортты» фæдыл арæх фарстытыл дзуаппытæ публикаци кæны
Туризмы администраци «Цъæх паспортты» фæдыл арæх фарстытыл дзуаппытæ публикаци кæны

Туризмы националон администраци «Цъæх паспортты» фæдыл  арæх фарстытæн дзуапп дæтты æмæ публикаци кæны операцион  инструкци.

Информацийы банысангонд куыд у афтæмæй,  фыццаг декабрæй  фæлхасгæнджытæн  æрмæстдæр «цъæх статусы» цауы уыдзæн фадат, фæуазæг уа  объекттæм: фысымуаттæ  æмæ  рæстæгмæ цæрæн æндæр объектты, хæрæндæтты (ретсорантæ, кафетæ, барты æддæ  æмæ мид тыгъдадтæ, сæ нымæцы  базарадон центрты  уæвæг), кинотеатртæ, театртæ,  концертон залтæ, оперæ, ивхæрсæн  объекттæ, казинотæ æмæ  хъазæн залтæ, спа-центртæ æмæ фитнесзалтæ, зымæгон  курортты  рæтæн-фæндæгтæ.

Туризмы  администрацийы  афтæма банысан кодтой, цæмæй  «цъæх статусы» райсын  æнæмæнгхъæугæ нæу  18 азы онг кары  уæнгтæн.

Чи у цъæх статус дарæг уæнг?

  • Æххæстæй  вакцинацигонд (кæнæ)
  • 72 сахатон валидондзинады негативон  дзуапп «PCR» тестыл кæмæн ис (кæнæ)
  • 24 сахатон валидондзинады антигены цырд тестыл негативон дзуапп кæмæн ис (кæнæ)
  • Ковидæй сæнæнизуæвæг

Фиппаинаг:  кæд гоймагмæ цæъх статус лæвæрд уыд  «PCR» кæнæ антигены тесты бындурыл – уæд статус ивд уыдзæн  тестæй  æмгъуыд аивгъуыды моментæй.

Кæд уыдзæн гоймагмæ  лæвæрд цæъх статус?

  • Вакцинацийы  дыккаг дозæ  саразыны фæстæ
  • PCR æмæ антигены  тесты негативон  дзуаппы ( лабораторийæ дуапп системæйы куы бавдисдзысты) уый фæстæ
  • «Ковиды» официалонæй  сбæрæгæй  14 боны фæстæ

Цы у цъæх паспорт?

  • CovidPass Georgia  –  уæлæмхасæны  регистрацийы  фæндагæй  лæвæрд  QR къод (кæнæ)
  • moh.gov.ge –  сайтыл  регистрацийы фæндагæй  лæвæрд  QR къод (кæнæ)
  • Гуырдзыстоны вакцинацийы  центрты, клиникæты æмæ юстицийы  хæдзæртты мыхуыргонд  документы QR къод (кæнæ)
  • Евроцæдисы уæнг бæстæты æмæ EU Digital COVID Certificate системæйы интеграцигонд ндæр бæстæты официалон уагдæтты мыхуыргонд документы  QR къод кæнæ электрононæй  лæвæрд  QR къоды фæрцы.

Фиппаинаг:

  • EU Digital COVID Certificate системæйы ацытæккæ интегриргонд сты  51  бæстæ;
  • Гуырдзыстоны æмæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæн, кæцытæ  ис вакцинаци кæнæ тесты  дзуапп  фæсарæнты (кæд EU Digital COVID Certificate системæйы интгриргонд бæстæтæ не сты  уæд)  «цъæх статусы» райсын  сæ бон у  æрмæст арæныл рахизыны  фæстæ (ницы уæлдай у  кæд рахызтысты арæныл)  CovidPass Georgia- аппликацийы кæнæ  moh.gov.ge-сайтыл   регистрацийы фæндагæй  (валидацийы къод  сæ бон уыдзæн райсын   гуырдзиаг мобилон номырыл  кæнæ  электронон посты фæрцы)

Куыд сбæлвырд кæнæм  цъæх паспорт?

  • CovidPass Georgia- аппликацийы QR бæрæггæнæгы, кæнæ moh.gov.ge QR бæрæггæнæгы фæрцы
  • Цæмæй  бæрæггæнæгæй  спайда кæнат, бахъæудзæн уæ æрмæст аппликаци  рафыссын. Уæлæмхас информаци бавдисын  нæ хъæуы.

Цы информаци æфты валидатормæ QR къод сбæрæг кæныны фæрцы?

  • Гуырдзыстоны æмбæстагы цауы – гоймагы къам æмæ  ном æмæ мыггаджы инициалтæ
  • Фæсарæйнаг  æмбæстагы цау –  гоймагы ном æмæ мыггаг, райгуырды датæ  æмæ  документы №.
  • Æмбæлон у æви нæ гоймаг цъæх статусмæ
  • Цас æмгъуыдмæ у  лæвæрд  гоймагмæ  цæъх статус (тесты цауы  бавдыст  уыдзæн информаци  кæд фæуд кæны  гоймагæн цъæх статус)

Фиппаинаг: covidpass.moh.gov.ge сайт æмæ Covidpass Georgia  аппликаци  ацытæккæ кусынц  тесты режимы æмæ  æххæстæй  скусдзысты фыццаг декабрæй.

Кæмæн уыдзæн бар ногазон мадзæлттæн сфысым кæнын?

  • Объектæн, кæцыйы кусджытæ иууылдæр (100%)  сты цæъх статусæй

Мониторинг æмæ санкцитæ

  • Мониторинг кæндзæн Гуырдзыстоны  фæллойады  инспекцийы куыст – равзаргæ  принципæй
  • Объектмæ цъæх статус кæмæ нæй  ахæм гоймагы бауадзыныл бæрн æвæрд цæуы   объектыл.  Фæтксæттыны  цауы, санкци уыдзæн  юридикъон уæнгæн 10 000 лари, индамалиуæгдарæн -2000 лари (фæлхатгæ  цауы оъект æрыхгæндзысты).

Кæмæ адзурæм  техникон аиппы  цауы?

  • 144 – хицауады иугонд  тæвд хахх
  • 1505 – æнæнизхъахъхъæды министрады тæвд хахх
  • 1522 – вакцинацийы тæвд хахх
  • 0800800909 – туризмы националон администрацийы  тæвд хахх. Электронон пост:  [email protected].