«Туризм æмæ сабырад» – Гуырдзыстон фыццаг хатт сфысым кæндзæн туризмы æппæтдунеон бон
Иугонд Нациты Организацийы Туризмы Организацийы эгидæйæ, 2024-æм азы 27-æм сентябры Гуырдзыстон фыццаг хатт уагъд æрцæудзæн Туризмы дунеон боны мадзал. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрад парахат кæны.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй Туризмы æппæтдунеон боны ацы азы темæ у «Туризм æмæ сабырдзинад».
Уæрæхмасштабон мадзалы фæлгæтты, Гуырдзыстонмæ æрцæудзысты бæрзонд рангы уазджытæ бирæ бæстæтæй, туризмы министртæ, æхсæнадæмон организациты æмæ туризмы фадыджы минæвæрттæ. ныхас цæудзæн туризмы райрæзтыл æмæ сабырады нысаниуæгыл индустрийы райрæзты æрдгæй.
Туризмы æппæтдунеон боны мадзал Гуырдзыстоны ауадзын нысаниуæгджынæй ахъаз уыдзæн бæстæйы туризмы æмбарынад æппæтдунеон аренайыл фæтыхджындæр кæнынæн. 2023-æм азы уалдзæджы ИНО-йы туризмы дунеон организацийы еврокамисы 38 уæнг бæстæ æмхъæлæсæй йæ фарсыл рахæцыдысты Гуырдзыстоны делегацийы инициативæйæн, цæмæй 2024-æм азы Гуырдзыстоны туризмы дунеон бон банысан кæной.
Туризмы дунеон бон нысан кæны Иугонд Нациты Организацийы дунеон туризмы организаци (UN Tourism) 1979 азæй фæстæмæ, алы аз дæр 27 сентябры», — банысан кодтой уагдоны.