Туристон платформæ Tripadvisor схуыдта Гудаури «Европæйы фондз æнæнымад хæххон курорты» нымæцы, кæцытæм хъуамæ бацæуой бæлццæттæ ацы зымæджы
Туристон платформæ Tripadvisor схуыдта Гудаури «Европæйы фондз æнæнымад хæххон курорты» нымæцы, кæцытæм хъуамæ бацæуой бæлццæттæ ацы зымæджы

Æндæвдадджын туристон платформæ Tripadvisor йæ пайдагæнджытæн уынаффæ кæны Гуырдзыстонмæ абалц кæнын æмæ Гудауры къахдзоынгътыл ацæуын.

Статьяйы – «Европæйы 5 æнæнымад хæххон курорты, кæцытæ ацы зымæг хъуамæ бабæрæг кæнат», Гуырдзыстонимæ иумæ, статьямæ хаст æрцыдысты Румынийы, Болгарийы, Испанийы æмæ Андоррайы зымæгон курорттæ.

Статьяйы автор, зындгонд фыссæг æмæ блогер Йоланда Эванс, националон туризмы администрацийы престуры фæлгæтты Гуырдзыстонмæ абалц кодта.

«Гудаури Тбилисæй æрмæст дыууæ сахаты фæндаг у, Гудаури бюджетон курорт у, кæд æмæ фæлтæрд лыжæйыл бырæг дæ, уæд æхсæвы лыжæтыл бырын ма фæцух кæн. Парапланæй бырын у æппæты хуыздæр авантюрон тур, о, ам дæ бон у атæхын зымæджы дæр. Æнæмæнгæй ныууадзут рæстæг Тбилисæн, кæнæ бырыны размæ, кæнæ бырыны фæстæ, æмæ бабæрæг кæнут зæронд горæт», – фыссы Йоланда Эванс.

Йоланда Эванс дзуры Гудаурийы хæринаггæнæн бынæтты тыххæй, кæсджытæн уынаффæ кæны, цæмæй бафæлварой Хачъапурийы ад, ацæуой джипыл Гергетийы Самебамæ, Ананурийы фидармæ æмæ æндæр историон бынæттæм.