Турчы президентон æвзæрстыты дыккаг туры хъæлæскæныны процесс фæцис
Бынæттон рæстæгæй 17:00 сахатыл Турчы хъæлæскæныны процесс фæцис æмæ æвзарæнон фадгуытæ æрыхгæдтой.
Фадгуыты æрыхгæды фæстæ хъæлæстæ бахыгъды процесс райдайдзæн æмæ фæстæдæр рагафон фæстиуджытæ суыдзæн бæрæг бæрæг, кæцыты фенын фæнысангонд вебфарсыл уызæн гæнæн.
Дыкккаг туры Турчы 13-æм президенты бынат бацахсынæн тох кæнынц бæстæйы архайæг президент Реджеб Тайип Эрдогъан æмæ иугонд оппозицийы кандидат Кемал Киличдарогълу.
Дыууæдæр кандидат фæстаг разæвзарæнон митинг Стамбулы ауагъдтой. Президент Эрдогъан æмбæстæгтæм æвзæрст курсы адарддæр кæнын æмæ дунейы аренæйыл Турчы позицитæ сфидар кæнын банфывæрдта. Уый ма афтæдæр рацыдныфсæвæрдæй, ома йæ уæлахиздзинады цауы, бæстæйы пенситæ æмæ паддзахадон гæсты мыздтæ фæбæрзонддæр уыдзасты. Эрдогъан оппозицийы Турчы террористон организацийыл нымад «Курдаг Кусджыты Партийы» фарсхæцыны æмæ æнæкомпетентондзинады аххосджын кæны.
Эрдогъан дыкаг туры кампанийы рæстæджы акцент арызта Турчы уæвæг сирийаг лигъдæтты проблемæтæ алыгы æмæ бæстæйы энергоæдасдзинад стынг кæныныл. Турчы архайæг президент оппозицийæн ныгуылæны дæлбар уæвджытæй хоны æмæ опоненты фыдзæрдæ æвзагæй дзырды тыххæй критикæ кæны.
Иугонд оппозицийы кандидат Кемал Киличдарогълу президентон æвзæрстыты дыккаг туры размæ та бæстæйы экономикæйыл ныхас кодта. Уый ма афтæдæр рацыд бæстæйы уæвæг лигъдæтты фыдыбæстæмæ æрыздахыны дзырдлæвæрдæй. Уый Эрдогъаны сæрмагондæй фæзылынджын кодта Туркмæ мигрантты æрбауадзыны.
Кемал Киличдарогълу хъусын кæны, цæмæй йæ фæуæлахизы цауы, Турчы иунæгон хицаудзинад фæуыдзæн æмæ бæстæ, суперпрезидентон республикæйы бæсты, фæстæмæ парламентон республикæйæ фестдзæн.
Æвзæрстыты фыццаг туры Реджеб Тайип Эрдогъан Кемал Киличдарогълуйæ 2,5 милуанмæ хæстæг фылдæр хъæлæстæ райста.