Турчы минæвар – Æфсымæрон  Гуырдзыстон иуæй-иу  фыццаг уыд, кæцы æххуысы фæдыл сидтæн сдзуапп кодта, Адиаманы Гуырдзыстоны  агурæн-ирвæзынгæнæг къордты  уæвын  адæмæн  у ныфсы тын
Турчы минæвар – Æфсымæрон Гуырдзыстон иуæй-иу фыццаг уыд, кæцы æххуысы фæдыл сидтæн сдзуапп кодта, Адиаманы Гуырдзыстоны агурæн-ирвæзынгæнæг къордты уæвын адæмæн у ныфсы тын

Гуырдзыстоны  Турчы Республикæйы  сæрмагонд æмæ   æххæстбарджн минæвар, Али Каан  Орбайы  фидиуæнæй,   Гуырдзыстон  уыд   иуæй-иу  фыццаг, чидриддæр æххуысы фæдыл Турчы  сидтæн сдзуапп кодта æмæ   агурæн-ирвæзынæгæн   къордты организаци скодта.

«НÆ сыхаг,  нæ  хæлар, стратегион   партнер,  æфсымæрон   Гуырдзыстон уыд иуæй-иу  фыццаг, кæцы виппайды  сдзуапп кодта  æххуысы фæдыл  нæ сидтæн.  Зæххæнъкуыст куы æрцыд тæккæ уыцы  бон, цалдæр сахатмæ, Гуырдзыстоны уæлвæтк уавæрты  куыст агурæн –ирвæзынгæнæн къордты организаци скодта.   Куыд мын базонын кодтой афтæмæй, уыдон нырид фервæзын кодтой 21 сылгоймагы æмæ сæ  уым уæвын у   ныфсы  тын  Адиаманы цæрæг адæмæн» – банысан кодта  Турчы минæвар.

Фæстаг бæрæггæнæнтæй,  зæххæнъкуысты фæстиуæгæн Турчы 12391  адæймаг  амард. Уыимæ  официалонæй  бæлвырд  у  Гуырдзыстоны  3 æмбæстагы мæлæт.