Турчы фæсарæн хъуыддæгты министр хъусын кæны, цæмæй Анкара адарддæр кæндзæн Гуырдзыстонæн фарсдарын евроатлантикон политикон æмæ æдадсзинады струтктурæтæ интеграцийы фæндагыл
Турчы фæсарæн хъуыддæгты министр Хакан Фидан Гуырдзыстонæн Евроцæдисы уæнгтæм кандидаты статусы райсты фæдыл раарфæ кодта æмæ рахйъусын кодта, цæмæй Анкара адарддæр кæндзæн Гуырдзыстонæн фарсæцын евроатлантикон политикон æмæ æдасдзинады структурæтæм интеграцийы фæндагыл. Уый фæдыл Хакан Фидан Бакуйы, Азербайджаны, Гуырдзыстоны æмæ Турчы фæсарæн хъуыддæгты министрты æртæфарсон фембæлды фæстæ райхъусын кодта. Информаци публикаци кæны туркаг медиа.
Хакан Фидан æхсæнадæмонæй нымад арæнты Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады æмæ суверенитетæн цыты æнæмæнгхъæуындзинад бахахх кодта.
Йæ дзырдæй зæгъгæ æртæфарсон фембæлдыл туркаг фарс æххæст фарсхæцын баныфсвæрдта Гуырдзыстоны хицауады политкæйæн, кæцы уагъд у Абхаз æмæ а.х. Хуссар Ирытсоны конфликтты сабырадонæй фæндагæй аскуыддзагы æрдæм.
Туркаг дипломаты дзырдæй, министрты фембæлдыл æркастысты регионы сырæз т ног уавæр æмæ æмгуыстады ауæрæхы фæндæгтæ. Йæ дзырдæй, зæгъгæ фарсытæ æрдзырдтой энергетикæйы æмæ коммуникациты сферæты æртæфарсон æмгуыстад фæарфдæрыл.
Хакан фидан куыд банысан кодта афтæмæй, бадзырдтыл бахахх ис Баку-Тбилис-Хъарсы æфсæнвæндаджы магистралы æххæст хъомысадæй куыд гæнæн ис афтæ тагъд скусын кæныны æмæнæнгдзинад.
«Бавнæлдтам æппæт регионæн Сау Денджызы стратегион нысаниуæг, фыцццаджы дæр, æдасдзинады, эклномикæйы, жнергетикæйы æмæ транспорты сферæты. Сбæлвырд кодта нæ тырнынад регионы æмæ йæ арæнты æддæйæ конкретон проектты фæрцы æмгуыстад стынг кæныны нысанæн» – райхъусын кодта Турчы фæсарæн хъуыддæгты министр.