Турчы  донивылды фæстиуæгæн иу адæймаг амард
Турчы донивылды фæстиуæгæн иу адæймаг амард

Турчы тæркъæвдайы расайгæ  донивылды  фæстиуæгæн иу  адæймаг  амард.  Уый тыххæй  информаци  «Сиэнен Турк»  хæлиу кæны.   Уацхæссæгон  компаний  хъусинагæй,  афтæдæр  æрбайсæфт сты  æхсæз адæймаг.

Стихий  бæстæйы   цæгат-ныгуылæны уæвæг Дузджейы  провинци  базиан кодта.   Пырх сты цæрæн хæдзæрттæ,  афтæдæр зиангонд сты  автомобильтæ æмæ  автомагистральтæ.

Цад  зонæйæ эвакуацигонд сты  дæсгай адæймаг. Стихийы  зонæйы   ирвæзынгæнæн-агурæн  операци дарддæр кæны.