Турчы æдасдзинады куыст террористон къорд «Исламы Паддзахадæй» цы хонынц, уый информацийы министры æрцахста
Турчы æдасдзинады тыхтæ Анкарайы террористон къорд «Исламы Паддзахадæй» цы хонынц, уый информацийы министры æрцахстой.
Информацийы уый фæдыл хæлиу кæны туркаг телекомпани Haber Turk. Ахст Омер Иетек къорды бæрнон уыд медийы къабазыл. Уыйы Турчы сæйраг сахары æдадсзинады уагдоны антитеррористон хайады уагъд операцийы фæстиуæгæн æрцахстой.
12 январы туркаг медиа Турчы сахар Каисеры а.х. Исламы Паддзахады хъæууон хæдзарады министры æрцахсты фæдыл райхъусын кодта.