Транснационалон фыдгæнæг къорды æрдыгæй адæймæгты уæйы аххосагæй агурды уæвæг уæнгты  экстрадици Гуырдзыстонæй Францмæ сыххæст
Транснационалон фыдгæнæг къорды æрдыгæй адæймæгты уæйы аххосагæй агурды уæвæг уæнгты экстрадици Гуырдзыстонæй Францмæ сыххæст

Гуырдзыстонæй Францмæ транснационалон криминалон къорды æрдыгæй адæймæгты уæйы аххосагæй агуырд уæвæг уæнгты экстрадици сæххæст ис. Гуырдзиаг æмæ францаг фарсыты æхсæн эффективон æмкуыстдзинады фæстиуæгæн, уæлдæр банысангонд хицæн адæймæгты Гуырдзыстоны территорийыл  мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æрцахстой. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны прокуратурæ парахат кæны.

Уагдоны информацийæ, экстрадицигонд адæймæгты Францы республикæйы компетентон органтæ Интерполы Сырх хъусынгæнинагмæ гæсгæ 2024 азæй фæстæмæ агурынц.

Гуырдзыстоны генералон прокуратурæйы куырдиæттæм гæсгæ, францаг республикæмæ уæлдæр банысангонд гоймæгты экстрадици алы инстанцийы тæрхондæтты æскъуыддзагæй барлæвæрдæй нымад æрцыд.

Гуырдзыстоны юстицийы министр 2025 азы 16-æм апрелы райста кæронбæттæн æскъуыддзаг уæлдæр банысангонд гоймæгты экстрадицийы фæдыл Францы Республикæмæ, цæй фæстæ дæр агуырд гоймæгтæ сæрмагонд æфхæрæн куысты кусджытæ радтой Францы республикæйы компетентон органты минæвæрттæм.