Ноджы иу европæйаг авиакомпани Тбилисы Шота Руставелийы æхсæнадæмон аэропорты кусын райдыдта. «Transavia France» Гуырдзыстоны авиацион базармæ рахызт. Авиакомпани комкоммæ регулярон рейстæ Париз-Тбилис-Паризы маршрутыл 12-æм апрелæй райдайдзæн, къуырийы мидæг дыууæ хатт хæдтæхæг A320-æй.
Операциты райдайæны агъоммæ авиакомпаниимæ интенсивон æмæ активон бадзырдтæ цыдысты, кæцытæ æнтыстджынæй ахицæн сты Гуырдзыстоны аэропортты авиакомпаниимæ баиу кæныны фæрцы.
Фыццаг рейс Паризы Орлийы аэропортæй 163 бæлццоны уыд. Бæлццæттæн Шота Руставелийы аэропорты Гуырдзыстоны аэропортты ассоциацийы генералон директор Мосешвили Леван, TAV Georgia-йы генералон менеджеры хæдивæг Акаки Баркайа æмæ æмбæстагон авиацийы агентады æмæ секторы æндæр минæвæрттæ сæмбæлдысты.
Аэропортты ассоциацийы информацийæ, Transavia France у францаг аслам авиакомпани, кæцы арæзт æрцыд 2006 азы æмæ йæ хицау сты Air France æмæ голландиаг Transavia. Йæ сæйраг базæ ис Паризы аэропорт Орлийы. Билеттæ балхæнæн ис авиакомпанийы веб-фарсыл https://www.transavia.com/accueil/fr-fr.